Битарты Вячеслав: Леонид ма дарддӕр дӕр йӕ фондз азы куы бакуса, уӕд Республикӕ ноджы фӕрӕсугъддӕр уыдзанис, ноджы амонджындӕр уыдзӕнис

ср, 01/02/2017 - 00:06
VKontakte
Odnoklassniki
Google+

Мах федтам, цы уыдис Хуссар Ирыстоны фондз азы размӕ ӕмӕ цы ис ӕртӕккӕ, уый, райдыдта йӕ раныхас Цӕгат Ирыстон – Аланийы сӕргълӕууӕг абон кинконцертон зал «Чермен»-ы Тыбылты Леониды президенттӕм рарзмӕ кӕныны инициативон корды ӕмбырды.

«Ам бирӕ хорз ныхӕстӕ загъд ӕрцыд. Цы куыстгонд ӕрцыд Хуссар Ирыстоны, уый иуылдӕр уынӕм, - загъта Битары фырт. - Фӕлӕ фылдӕр куыст, фылдӕр йӕ къухы цы бафтыд Леонидӕн ӕмӕ йӕ цуры чи лӕууы, уыцы адӕмӕн, уый у, ӕвӕццӕгӕн, адӕм кӕрӕдзи кӕй бамбӕрстой ӕмӕ адӕм ӕмзондӕй, мӕнӕ ам куыд загъд æрцыд, уӕхски-уӕхск кӕй ныллӕууыдысты, кӕрӕдзи ӕмбаргӕйӕ, уый».

Битарты Вячеслав банысан кодта, зӕгъгӕ «афтӕ дарддӕр дӕр кӕрӕдзи куы ӕмбарӕм, кӕрӕдзиимӕ ӕмгомӕй куы лӕууӕм, ӕмзондӕй куы цӕрӕм, уӕд ӕвӕццӕгӕн, не ‘знӕгтӕ дӕр цы иу фарсы ӕрдыгӕй, цы иннӕ фарсы ‘рдыгӕй тӕрсдзысты ӕмӕ никуыуал ӕрбахӕссдзысты сӕ ныфс».

«Ууыл бирӕ куыст ӕрцыдис Леониды ‘руаджы ӕмӕ дарддӕр дӕр Республикӕйы сӕргълӕууӕг куы уа, уæд уыцы куыст цӕудзӕн, кӕндзӕнис тыхджындӕр», - банысан кодта Цӕгат Иры сӕргълӕууӕг.

Битарты Зелимханы фырт Вячеслав загъта ӕрбамбырдуӕвджытӕн, зӕгъгӕ, «ӕз мӕ куысты фӕдыл бирӕ ӕмбӕлдтытӕ фӕкӕнын Мӕскуыйы, Уӕрӕсейы хицауады министыртимӕ ӕмӕ ӕрвылхатт дӕр фарст вӕййы, куыд у Хуссар Ирыстон та, ӕмӕ иуылдӕр фӕзӕгъынц, мӕнӕ фӕстаг рӕстӕджы цы цӕстуынгӕ куыст цӕуы Хуссар Иры, уымӕ гӕсгӕ дарддӕр дӕр Уӕрӕсейы кæй фӕнды ‘ххуыс кӕнын ӕмӕ ноджы фылдӕр ӕххуысгонд цӕудзӕнис Хуссар Ирӕн ӕмӕ уый дӕр, ӕвӕццӕгӕн, Леониды ‘руаджы у».

«Мах Леонидимӕ бирӕ фӕныхас кӕнӕм ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй Ирыстон иу уа, мауал дих кӕна хуссарыл ӕмӕ цӕгатыл. Уый тыххӕй та хъуамӕ ӕмгомдӕр кусӕм хуссар ӕмӕ цӕгаты хицауад дӕр, кӕрӕдзи ӕмбаргӕйӕ, кӕрӕдзи уарзгӕйӕ ӕмӕ ӕмзондӕй куы кусӕм, уӕд уыцы рӕстӕг дӕр тагъддӕр ӕрцӕудзӕн, - бахахх кодта уый. - Ӕмӕ ӕз разы дӕн ам цы загъд ӕрцыд мӕ размӕ, Леонид ма дарддӕр дӕр йӕ фондз азы куы бакуса, уӕд республикӕ ноджы фӕсугъддӕр уыдзнис, ноджы амонджындӕр уыдзӕнис».

Йӕ раныхасы кӕрон уый раарфӕ кодта ӕрбамбырдуӕвджытӕн.
«Ног аз ӕрхӕццӕ ис ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕн ног амонд цы 'рхӕсса, не 'ппӕт Ирыстонӕн дӕр ноджы ӕмгомдӕрӕй, кӕрӕдзи ӕмбаргӕйӕ иумӕ куыд цӕрӕм, Хуыцау уый зӕгъӕт», - загъта Битарты Вячеслав.

Мой мир
Вконтакте
Одноклассники
Google+
Pinterest