Нӕ хуссайраг ӕфсымӕрты стыр сгуыхтдзинад кӕддӕриддӕр сӕрыстырӕй мысдзыстӕм, - РСО-йы национ ахастдзинӕдты фарстаты фӕдыл Министр Цуциты Алан

ср, 23/11/2016 - 16:01
VKontakte
Odnoklassniki
Google+

Хуссар Ирыстоны Президент Леонид Тибиловы номыл Хъӕбатырдзинад ӕма адӕмы иудзинады боны цытӕн арфӕйы тел ӕрбарвыста РСО-Аланийы национ ахастдзинӕдты фарстаты фӕдыл Министр Цуциты Алан:

«Зынаргъ Харитоны фырт Леонид!

Зӕрдӕбын арфӕ дын кӕнын Лӕгдзинад ӕмӕ иудзинады бӕрӕгбоны фӕдыл.

Ацы стыр бон нӕ зӕрдыл дарын кӕны 1989 азы цаутӕ – нӕ хуссайраг ӕфсымӕртӕ гуырдзиаг лӕбурджыты ныхмӕ куы рацыдысты ӕмӕ сӕ Цхинвалмӕ куы нӕ бауагътой. Уыцы стыр сгуыхдзинад кӕддӕриддӕр сӕрыстырӕй мысдзыстӕм, фидӕны фӕлтӕрӕн та уыдзӕн фӕзминаг.

Ныртӕккӕ Иры зӕххыл цӕуы Джеоргуыбайы къуыри ӕмӕ уын ӕххусгӕнӕг уӕд!

Стыр Хуыцау уын ӕрхӕссӕд ӕнӕкӕрон хорздзинӕдтӕ. Сыгъзӕрин Уастырджи уӕ кӕддӕриддӕр фыдбылызӕй хизӕд ӕмӕ уӕ йӕ рахиз базыры бын дарӕд!

Нӕ абонӕй нӕ фидӕн рӕсугъддӕр уӕд!»

Мой мир
Вконтакте
Одноклассники
Google+
Pinterest