Махæн нæ хæс у, цæмæй нæ рæзгæ фæлтæрæн уарзын кæнæм нæ мадæлон æвзаг — Гаглойты Алан
Президент Гаглойты Алан ирон æвзаджы боны цытæн раарфæ кодта Ирыстоны адæмæн.
Зынаргъ ӕмбӕстӕгтӕ!
Зӕрдӕбынӕй уын арфӕ кӕнын Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы боны цытæн.
Ацы бон 1899 азы 15 майы мыхуыры рацыд Хетӕгкаты Къостайы ӕнӕмӕлгӕ «Ирон фӕндыр».