Арфæйы тел президент Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леониды номыл Ног азон фæндиæгтимæ æрцыд Бурхан Хоситыйæ:
«Mæ зынаргъ Президент,Зынаргъ Тыбылты Леонид,
Ног азы арфæ кæнын дæуæн, дæ бинонтæн, нæ инæг хæдбар республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæн, мæ уарзон зынаргъ Ирон адæмæн.
Ног аз ног хæрзтæ уын æрхæссæд! Исты æнкъарддзинад кæнæ рыст уæм кæд уыди, уæд уыдоны та зæронд аз йемæ ахæссæд.
Мæ зæрдæ уын зæгъы æнæниздзинад, амонд æмæ бирæ æнтыстдзинæдтæ! Уæ хæдззæрттæ бæркадджын æмæ фæрнæй дзаг уæд!
Ног аз ног хæрзтæ æрхæссæд Хуссар Ирыстонæн!
Хуыцау зæгъæд æмæ Ирон фарн, ирон кад æмæ намыс хуры тынты хуызæн батавæд Хуссар Ирыстоны,
Нæ иунæг хæдбар республикæйы тырыса фæйлауæд æнусты дæргъы.
Ног азы хорзæх уæ уæд !
Зæрдиаг саламтимæ,
Хоситы Бурхан
г. Истамбул »