Ме ‘мбæстаг, мæ хæствæллад адæм!
Нæ хъæбатыр фæсивæд!
Махæй алкæмæндæр Конституцимæ гæсгæ ис хъæлæс кæныны бар æмæ дзы спайда кæнæм. Нæ адæмы хæрзæбонæн дзы саразæм нæхицæн бæрæгбон! Уый мæ нæ адæмæй уырны, уымæн æмæ мах стæм удвидар, фæндвидар æмæ фæразон.
Мæн ныфс ис, хæдбардзинад цы адæм райстой æмæ æнæхъæн дунейыл хорзæй кæй ном ныхъхъæр, уыдон та абон дæр кæй равдисдзысты куырыхондзинад æмæ æрдхæрæн æгъдау.
Æз, куыд Ирыстоны бирæсывæллонджын мæдтæй сæ иу,афтæ сидын нæ фæсивæдмæ, мауал фæриссын кæнæм Ирыстоны мæдтæй иуы зæрдæ дæр, фагыл банымайæм æддагон знæгтæ сын цы ракодтой, уый. Ныр та нæ бæллиццаг фидæныл стыр Уæрæсейы æххуысæй бацархайæм æмæ нæ хæдбардзинад æрфидар кæнæм, уый сæрвæлтау йæ цард чи снывонд кодта æмæ йæ сымах бæрны чи бакодта, уыдоны зæрдæтæ мæрдтыбæсты ма фæриссын кæнæм.
Нæ алыварс иуыл нæ хорзмæбæлджытæ не сты æмæ уыдоны фæндиаг нæхи ма фæкæнæм. Уæ ирондзинад ма фегад кæнут!
Мæ уарзон адæм!
Байхъусут æмæ батæригъæд кæнут ирон рыстзæрдæ мæдтæн!
Наниты Асиат
Къультурæйы сгуыхт кусæг, куысты ветеран, Ирыстоны фысджыты Цæдисы уæнг, «Орден Дружбы»-ы кавалер, Джусойты Нафийы премийы II националон премийы лауреат, 4 сывæллоны мад.