Æвзаг у динамикон системæ. Уый æдзухдæр рæзы ʻхсæнадон цæугæ процессты æндæвдадæй. Æвзаджы цæугæ процессты æмæ социалон фæзындты ʻхсæн та ис тынг æнгом бастдзинад, уымæн æмæ сæ ʻвзаг ӕвдисы æххæстæй, фæлтæртæм та хæццæ кæнынц фыст текстты фæрцы. Хъыгагæн, нæ фыссынад бæлвырд кæнæм 220-230 азы дæргъы, ома нæм æнæхъæн æххæст текст куы фæзындис, уæдæй. Уый размæ дугæй иугай дзырдтæ, нæмттæ, фæлæ уыдон банымайæн нæй фыссынады фæзындыл. XIX æнусы æмбисы дины скъолаты ахуыр цыдис æндæр æвзæгтыл: Цæгаты — уырыссагау, Хуссары — гуырдзиагау. Фæлæ уæддæр ирон фæсивæд стыр тырнындзинад æвдыстой ахуырмæ æмæ Ирыстоны фæзындис ахуыр лæгау-лæгтæ. Фæстæдæр дины скъолатæ фæфылдæр сты. Фæзындис алыгъуызон æхсæнадтæ дæр. Массон æгъдауæй æвзагæн нырма йæ тыхтæ уыдысты йæхимæ æмæ уыдис нуарджын, уæздан æмæ хъуыдыджын. Æрхæссæм дæнцæгæн иу чысыл текст цыран æвдыст цæуы чызгæскъæфты рæстæджы ныхас.
«Уæ мæнæ хорз мыггаг, уæ фыдæлтæ дæр адæмы ʻхсæн лæгтæ уыдысты æмæ хорз дзуаппытæ лæвæрдтой, ныр сымах дæр уæ фыдæлты кардæй рариуыгътат, æмæ уæ мах куыд фæбузныг стæм, афтæ уæ стыр Хуыцау фæбузныг уæд. Хъæубæстæн дæр аргъ скодтат, уæхицæн та кад скодтат…», «Сымахæн æгъдау уæ фыдæй баззад, æмæ хуыцау афтæ саккаг кæнæд, уыцы хорз уæ къухтæй куыд никуы ахауа. Мах арфæ кæнын нæ фæразæм, фæлæ уын Хуыцау раарфæ кæнæд, мах хорз адæмыл чи банымадта æмæ нын аргъ чи скодта. Мах алы хъæутæй стæм æмæ ацы хорздзинад радзурдзыстæм алы хъæуы, уыцы мыггаг ахæм æгъдауджын сты, зæгъгæ. Фæлæ мах та уый курæг стæм сымахæй æмæ, дзуапп кæм раттат, уым уæ дзурæг лæгты дæр куыд сбæрæг кæнад абоны бон» (Къарджиаты Б. «Ирон æгъдæуттæ». Дзæуджыхъæу, 1991г).
Æрхæсгæ чысыл скъуыддзагæй зыны, канд нæ фыдæлты уæздандзинад, стыр куырыхондзинад, арф миддуне æмæ хъуыдыкæнынад нæ, фæлæ ма æвзаджы аив æмæ хъæздыгдзинад. Афтæмæй уыдон нæдæр скъолаты ахуыр кодтой, нæдæр университетты. Фæлæ сæ миддуне, сæ сæры магъзы сæвзæргæ хъуыды, дзурæг æвдыста аив, уæздан дзырдтæй.
Абарæм æй абоны ирон æвзагмæ: «Бахатыр нын кæнут нæ рæдыд. Мах дæр нæ фæндыд, цæмæй хъуыддаг афтæ уыдаид, фæлæ ацы кæстæртæ нал хъусынц, сæхи куыд фæнды, афтæ аразынц. Еныр цы ʻрцыдис, уымæн раздахæн нал ис æмæ сын ныххатыр кæнут. Нæ кæстæртæ кæрæдзи уарзынц, æмæ махæн дæр фидауынæй дарддæр цы гæнæн ис, æмæ уæ курæг стæм, цæмæй нæ хъуыддаг бакæнæм сабырæй. Еныр сæ фæнды (скъæфджыты) цæмæй чындзæхсæв скæной æмæ кæд сымах дæр фæнды уæ чызгæн чындзæхсæв аразын, уæд баныхас кæнæм æмæ нæ хъуыддаг сабырæй æмæ æгъдауыл аскъуыддзаг кæнæм». Ацы чысыл скъуыддзагæй та зыны дзурæджы уæлæнгай хъуыдыкæнынад, фæлурс æмæ кадавар æвзаджы миниуджытæ.
Уæдæ цы ʻрцыдис не ʻвзагыл? Саразæм чысыл историон экскурс ХХ-æм æнусы райдайæнмæ. ХХ-æм æнусы 20-æм азты æвзонг Советон Цæдис æппæт чысыл адæмтæн ныф-фæдзæхста фыссыны формæйæн — латиница. Ирыстоны ахуыр фæсивæд уæхскуæзæй æрæвнæлдтой дзæвгар саразинаг ахсджиаг проблемæтæм: программæтæ æмæ ахуыргæнæн чингуытæ æппæт дисциплинæтæй дæр иронау; терминологион дзырдуæттæ, литературон æвзаг æрбиноныг кæнын æ.а.д. Уыцы ахсджиаг архайд та домдтой æхсæнады цæугæ политикон, экономикон, культурон æмæ социалон ивындзинæдтæ.
Ирон æвзаг ног дуджы (30-æм азты) райдыдта дидин калын, фæлæ ам, нæ хуссайраг сыхæгты (Гуырдзыстоны политикты) уыцы хъуыддаг нырризын кодта, æрæхгæдтой йын йæ фæндæгтæ æмæ 150-мæ ʻввахс ирон ахуыргондæн сæ фæндтæ сæ хъуыры фæбадын кодтой. Кæй ахсгæ, кæй маргæ, кæй та Сыбыры хай фæкодтой. Æхсæнад ныссуйтæ, фæлæ Хуссар Ирыстоны фыссынады латиница ивд æрцыд гуырдзиаг æвзаджы графикæйæ. Уыцы заманы Цæгат Ирыстонæн та латиница ивд æрцыдис Уырыссаг графикæ — кириллицæйæ. Афтæмæй нæ ирон дзырдты равдисынæн цы дамгъæтæ нæ хъуыдысты, уыдон дæр æд дзырдтæ æрбахызтысты не ʻвзагмæ. Æмæ не скъолаты ирон æвзаджы алфавит ахуыр кæнынц нæ сабитæ фыццаг къласæй 43 дамгъæйæ ирон дамгъуаты 34 дамгъæйы бæсты. Хуссары 1943-1944 азтæм ахуыр цыдис иронау, фæлæ гуырдзиаг алфавитыл. Цæгаты та иронау ахуыр цыдис хъæуты райдайæн кълæсты уырыссаг алфавитæй. 5-æм къласæй уæлæмæ æппæт дисциплинæтæ — уырыссаг программæйæ. Растдæр уæд райдыдта Ирыстон-Алани идеологон æгъдауæй дихтæ кæнын. Цæгат æмæ Хуссар сæ иумæйаг рæзты фæндагæй фæцудыдтой… 50-æм азты та фæсивæдæй чидæртæ суæндыдысты æвзаджы сыгъдæгдзинады тыххæй сныхас кæнын æмæ та ногæй репресситæ, ахæстон…
Ирыстоны дыууæ хайы æвирхъау идеологон дихадæн ма ахъаззаг æххуыс фæцис уый дæр æмæ Хуссары 1943-1944 азты ахуыр уыцы иу февнæлдæй кæй ракодтой гуырдзиаг æвзагмæ. Скъолаты ма баззадысты ахуырдзаутæ 1-аг къласæй 4-æм къласы онг, 5-æм къласæй уæлæмæ фæсивæд ныууагътой сæ ахуыр, æрмæг ахуырæн æндæр æвзагыл зын сахуыргæнæн кæй уыдис, уымæ гæсгæ æмæ фæфардæг сты Гуырдзыстоны сæудæджерадон горæттæм: Кутаис, Чъиатура æмæ Рустаумæ. Чызджытæ та фæцыдысты Тбилисы сгæллад уафæн (суконная) фабрикæмæ цыран-иу æртæ мæйы фæстæ фæрынчын сты тарни-зæй (рæуджыты), уымæн æмæ сгæллад уафтой теуайы къуымбилæй. Уæдæ Гуырдзыстон æртæгъуызон рамбылдта: 1. Райста æвзонг æмæ аслам кусæг тых (15 азмæ сын фыстой сывæл-лæтты мызд!); 2. Фæиппæрд кодта ирæтты ирон этникон культурæйæ; 3. Ныддихтæ кодта Ирыстоны дыууæ хайы сæ иумæйаг культурон рæзты фæндагæй; 4. Гуырдзиаг монон культурæмæ дæр не ʻрæввахс сты. Уæдæ ирæтты царды ацы период схонæн ис иууыл стырдæр культурон геноцидыл — нæ интеллигенцийæ нын сарæзта манкруттæ.
1990-æм азты растдæр уыцы ныллидзæг адæмы зæнæг æрцыдысты тард Гуырдзыстонæй. Чи нæ коммæ кастис, разы чи нæ уыдис сæ фæндыл, уыдон маргæ, стигъгæ, судзгæ. Цæмæн? Уымæн æмæ уый размæ Гуырдзыстоны чи æрцард, уыдон ассимиляцийы бахаудысты æмæ систы æрдæггуырдзиæгтæ, ирон этникон культурæ хæссæг нал уыдысты, нал дæр се ʻвзаг зыдтой рæстмæ. 1940-æм азты ныццæугæ ирæттæ та хорз хъуыды кодтой сæхи ирæттæй æмæ сын уый нæ ныббарстой цагъды фесты, систы лигъдæттæ 150 минæй фылдæр ироны. Уыцы гуырдзиаг скъолатæ Хуссар Ирыстоны архайдтой 1954-1955 азтæм. Сталин амарди, æмæ махæн дæр бар лæвæрд æрцыдис Уæрæсейæ — национ скъолатæ бакæнынæн. Нæ разамонджытæн сæхи фæндонæй иронау нæ ацыд ахуыр (30-æм азтау) фæлæ уырысы программæтæ ахуыр ирон æвзагыл цыдис æрмæстдæр хъæуты райдайæн кълæсты. Афтæмæй æрбахæццæ стæм 1979 азмæ. Уæд Гуырдзыстоны ЦК пленумы барамынд (Э. Шеварднадзейы къухбафыстæй) æрцыд махмæ. Уым дзырдæуыд, цæмæй ирон æвзаджы 3 сахатмæ æфтыд æрцæуа ноджыдæр 2 сахаты æмæ къуыри баисты 5 сахаты. Уыцы хъуыддагыл интеллигенци сæмбæлдыстæм куыд национ бæрæгбоныл.
Фæлæ 68 мæйы фæстæ ног барамынд — ирон уроктæ дих æрцæуæнт дыууæ къордыл: ирон æмæ гуырдзиаг. Уыцы системæйæ архайдтам 1990 азтæм. Ам мæ фæнды æрхæссон Цомахъы ныхæстæ: «Адæм куы стыхсой цагъайраджы цардæй, адæм куы бамбарой се ʻфхæрд, сæ марæг, зон, уæд кæй сыстдзысты иу бон хъыгдардæй, зон, уæд кæй фехъуысдзæн иу бон сæ зарæг». Æмæ æцæгæйдæр 90-æм азты Хуссар Ир тохы зарæг ныккодта: райгуырдис «АН» — национ-сæрибаргæнæн змæлд. Сæйраджыдæр мадæлон æвзаг бахъахъхъæныны сæраппонд. «Адæмон Ныхас»-ы ахсджиаг архайдæй хицауад райста ирон æвзаджы райрæзты Программæ. 1990 азы «Адæмон Ныхас»-ы активондæртæ æвзæрст æрцыдысты РХИ-йы Уæлдæр Советы фыццаг æрсидты депутаттæй. Æмæ 1993 азы фыццаг æрсидты депутаттæ фæстаг сессийыл ирон æвзагæн радтой Паддзахадон статус. Фæлæ абоны бон дæр нæ адæм нæма бамбæрстой, цæмæн нæ хъæуы нæ мадæлон æвзаг. Нæ рухстауджытæ, 30-æм азты сыгъзæрин интеллигенци, хорз æмбæрстой æмæ зыдтой этникон культурæйы къуыхцытæ национ æвзаджы сæфт кæй у, æвзаджы сæфт та нацийы сæфт. Уый алчидæр хъуамæ æмбара, æнкъара æмæ зона, ирон æвзагыл хъæуы дзурын æрмæст бинонтимæ нæ, фæлæ сабидонæй Президенты онг, Президенты аппаратæй — чиновниктæм, чиновниктæй — Парламентмæ. Цæмæй та сомбоны кандидат исты бынатмæ тырнгæйæ фæлварæнтæ скæныны охыл репетитортæ ма агура, фæлæ йæ чысылæй фæстæмæ зона, æнкъара, æмбара ахæм хъуыды: «Æз дæн ирон, зонын æмæ пайда кæнын мæ мадæлон æвзагæй». Уыимæ ма зæгъдзынæн уый дæр æмæ кæд нæхи культурон æхсæнадыл нымайæм, уæд Президенты аппараты кусджытæ, чиновниктæ, депутаттæ хъуамæ уæлæнгай уæддæр зоной англисаг æвзаг дæр.
Афтæмæй рæстæг карзæй домы цæмæй тагъд рæстæгмæ арæзт æрцæуа ирон æвзаг æппæт стильты дæр сахуыр кæныны программæ, цæмæй чиновниктæ, депутаттæ сесситы, рабадтыты сæ куыст кæной ирон æвзагыл. Афтæ сарæхстысты саразын Кавказы адæмтæ, Абхаз æмæ ма Астæуккаг Азийы адæмтæ дæр. Ирон дзырды хъуыды, уæз æмæ аргъ æрыздахæм, сахуыр æй кæнæм æмæ не ʻвзаджы аивдзинад, не ʻвзаджы хъомысад ныффæдзæхсæм нæ фæлтæрæн.
Нырыккон ирон æвзаг йæ райрæзты бирæ рассон-бассон баййæфта, фæлæ ирон ахуыртæ куыстой æмæ кусынц. Стыр лæггад бакодта нæ абоны дзуринаг Биазырты А.Х., Гæбæраты Н.Я., Джусойты Н.Г., Бекъойты Д.Г., Скифирон, Дзуццаты Х.М., Медойты Б.Г. , æмæ æндæртæ.
60-æм азты стыр хæс райстой сæхимæ ХИЗИИ-ы æвзаджы хайады кусджытæ, сарæзтой IV т. «Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат», кæцы хъуамæ уа алкæцы ирон хæдзары дæр. Уыдонæн дыууадæсæй лæвæрд æрцыдис Къостайы номыл Паддзахадон преми æмæ сын бафыстой фæйнæ 27.000 сомы. Хъыгагæн сæ абон иу дæр удæгас нал у (дзæнæты бадæд). Иууыл зынгæдæр архайд та бакодтам фæстаг фондз азы æнæ гонорартæй: Джусойты Нафи, Дзиццойты Юри, Хъазиты Мелитон, Битарти Зойæ, Плиты Гацыр, Биазырты Аллæ, Тыбылты Ингæ, Дзабиты Зарбег æмæ æндæртæ.
Ирон æвзаджы райрæзты, бахъахъхъæныны къамисы куысты фæстиуæг: æрмæст сабидонæн сарæзтам 60 чиныгмæ æввахс билингвалон системæйыл. 42 чиныджы та сарæзтой уæлдæр ранымайгæ ахуыртæ. Чингуытæ аразæм, фыссæм, фæлæ ирон æвзаг мæгуырæй-мæгуырдæр уавæрмæ цæуы. Цæмæн?
Уымæн æмæ хæццæ дуг ратта хæццæ идеологи, хæццæ идеологи — хæццæ хъуыдытæ, хæццæ хъуыдытæ — хæццæ ‘взаг. Æрбауагътам парахатæй нæ цардмæ политикон æмæ социалон архайды уæгъдибар ахастытæ, сæрибар хъуыдытæ.
Уæдæ иугæр æвзаджы процесстæ æмæ социалон фæзындтæ арф баст сты кæрæдзиимæ, уæд уырыссаг æвзаджы фæрцы ирон æвзагмæ цæуы ныхасы стыр сæрибардзинад. Ууыл æндавы массон бастдзинæдты райрæзт, цензурæ нал ис, æвзаджы хæццæ демократизаци рæзы, барлæвæрд цæуы æппæт дзурынæн литературон æвзаджы нормæтæ æмæ ныхасы культурæ ницæмæ даргæйæ. Афтæмæй ирон литературон æвзагæн цы дзой-дзойгæнаг нормæтæ уыдис, уыдон дæр нымайæм ницæйагыл æмæ дзы æмбæлæм ахæм активон процестыл æмæ фæзындтыл:
Рæзы диалогондзинад, интерактивондзинад, æвзаг райста гоймагон ахуырст.
Иу бæлвырд тексты ис фембæлæн цалдæр стилы стилистикон элементты къордтыл.
Цæуы фæлтæрæнтæ аивадон литературæйы ног формæтæ æмæ æцæгады равдисыны ног фæрæзтæ агурыныл, фæлæ лæмæгъæй.
Æвзаджы ирдæй бынат æрцахстой фæсарæйнаг дзырдтæ, жарготизмтæ æмæ арготизмтæ æмæ рæдыд, чъиллон ныхас.
Æрхæсгæ ног ивындзинæдтæ æвзаджы æппæт хæйтты дæр цæуынц, фæлæ фылдæр лексикæ æмæ фразеологийы.
Сæрмагондæй зæгъын хъæуы, фæсивæды ныхасы тыххæй, йемыдзаг сты жарготæ, арготæ æмæ сленгæй. Ахæм дзырдтæ кæддæриддæр хæссынц стыр экспресси æмæ эмоционалондзинад, фæлæ стилистикон æгъдауæй сты дæрзæг дзырдтæ: дæ къах ив ардыгæй, гъе кæн тагъддæр; дзаджынатæ- гæлæбутæ, кæм стут? Айдæ, кæд цы дæ? Ну, зæгъын йед у; уырыссаг æвзаджы фæзынгæ дзырдтæ: ну, блин, нал лæууыс; куыд клева дæ, болдет кæнæм йæ лекцийыл, кайф, короче говоря, адости сты йедау, цавæр чмо дæ… Ахæм дзырдтæй чысыл бæрзонддæр лæууынц иннæ æрбайсгæ дзырдтæ: эсэмэскæ, секонд-хенд, ток-шоу, клип, рейтинг æмæ æнд., афтæ æнхъæлгæйæ, зæгъгæ, уыдоны дзургæйæ дзурæг æвдисы йæ «культурон рæзт». Фæлæ йæ нæ хаты, кæй æндавынц йæ ныхасыл æппæрццагæй. Иттæг мæгуырау у рекламæйы æвзаг дæр. Цы у рекламæ? Йæ хæс у фылдæр æлхæнæг æрбалвасын, фæлæ махæн нырма уыцы «дзырдты хъазт æмæ симд» нæ къухы не ʻфты, уырыссагау дæр сæ нæй комикондзинад. Иронау та иу рекламæ дæр нырма нæ фæзынд.
Аивадон литературæйы æвзагыл дзургæйæ банысанкæнинаг сты ам дæр цæугæ процесстæ. Ныртæккæ æхсæнады аппарахат ахæм дзырд «массон культурæ», цыран бынат ис МИФ-æн: (телеуынынад æмæ радио), спорт, кино, музыкæ (поп-музыкæ), массон литературæ, нывафыстон аивад. Ацы хæйтты кæцыфæндыдæр хъуамæ æвдиса æвзаджы фæрцы йæ хъомысад, йæ тых.
Æрхæсгæ æрмæгæй сараздзыстæм ахæм хатдзæгтæ:
Ирон æвзаг массон æгъдауæй сахуыр кæнынæн, тагъд рæстæджы саразын хъæуы Программæ ахуыргæнæн æрмæгимæ (фонологи, лексикæ, дзырдарæзт, ныхасы хæйттæ, дзырдбаст, хуымæтæг хъуыдыйад, стилистикæ, ныхасы культурæ).
Астæуккаг скъолаты фыццаг къласæй ирон гуманитарийы дисциплинæтæ амонын хъæуы ирон æвзагыл (музыкæ, алфамбылай, ныв кæныны куыст, технологи, Ирыстоны географи, Ирыстоны истори, нацтрадицитæ).
ПБЗУ ХИЗИИ-ы бакæнын хъæуы зонадон-педагогон хайад (хæс: программæтæ, методикон бацамындтытæ, ахуыргæнæн чингуытæ, скъолайæн уæлæмхас æххуысы æрмæг æ.æ.ах.).
Ирыстоны дыууæ хайы минæвæрттæй саразын хъæуы терминологон къамис, кæцы æмбæлон æгъдауæй нал архайы 1937 азтæй.
Саразын хъæуы компьютерон технологи, цæмæй ирон æвзаг æххæстæй бахиза нæ дуджы информацион системæмæ.
Тæлмац кæныны факультет ХИПУ-ы æрцæуæд ногæй гом 2017 аз.
Саразын хъæуы ирон æвзаджы академион курс.
Сахуыр кæнын хъæуы аив литературæйы зонадон, публицистон æмæ дзургæ ныхасы стилистикон æмæ публицистон фæрæзтæ. Уыцы куысты бындурыл арæзт æрцæуæд хуыздæр хуызæгты рекомендацитæ.
Симпозиумтæ æрсидын ирзонады минæвæртты хайадистæй, сæ ног зонадон фæстиуджытыл æрдзурынæн.
Ирзонады энциклопедион бæрæгуат саразынæн цæттæгæнæн куыст бакæнын.
«Ирзонады — ахуыртæ»-ы бæрæгуат мыхуырмæ бацæттæ кæнын. Ирон æвзагыл ралæвæрдты рæстæг фæфылдæр хъæуы æмæ дзы ныхас кæнæд: аргъæуттыл, таурæгътыл, нарты кадджытыл, нарты эпос сахуыр кæныныл зонадон цæстæнгасæй, ирон национ культурæйыл, истори, этнологи, археологи æмæ психологийыл.
Ирон ахуырты, ирон фысджыты ногæй рацæугæ чингуыты пропагандæ кæнын радио, телеуынынад æмæ газетты, журналты фæрстыл.
БИТАРТИ Зойӕ, филологон зонӕдты кандидат, профессор